Friday, 26 September, 2025г.
russian english deutsch french spanish portuguese czech greek georgian chinese japanese korean indonesian turkish thai uzbek

пример: покупка автомобиля в Запорожье

 

Архонкæйы станицæйы байгом æфсæддон патриотон центр

Архонкæйы станицæйы байгом æфсæддон патриотон центрУ вашего броузера проблема в совместимости с HTML5
Архонкæйы станицæйы байгом æфсæддон-патриотон центр. Фæлтæрдджын хъазахъхъæгтæ ныр уым сæ фæлтæрддзинадыл æфтаудзысты æрыгон фæсивæды. Фыццаг ахуыртæ ацыдысты Урсы къуырийы рæстæг. Рауад дзы æцæг бæрæгбон. Циндзинады мадзалмæ бафтыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар - Гогаты Маратæн. Ацы лæппу-лæгтæ гыццылæй сæ къæхтыл нæма слæууыдысты, афтæ сæ фæндыд хæцæнгарзтæй арæхсджынæй пайда кæнын. Æмæ куыннæ! Фæсивæды æфсæддон ахуырадмæ хъазахъхъæгтæ уæлдай цæст дарынц. Ацы полигоны, хъæуы цæрджытæ ахуыр кæнынц хæсæнгарзæй пайда кæнын æмæ æхсыныл. Сарæзтой дзы æфсæддон патриотон центр хъазæхъхъæгтæн канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ ма æнæхъæн Цæгат Кавказæй. Николай Коломыц, станицæ Архоскийы хъазæхъхъæгты æхсæнадон советы атаман: «Æфсæддон-патриотон хъомылад ныртæккæ ахсджиаг хабар у. Цы рæстæджы цæрæм, уым та бынтон хъæугæ у, уæлдай дæр - хъазахъхъæгтæм. Мæнæ шашкæйæ куыд æмбæлы, афтæ хъуамæ арæхса нæ фæсивæд. Мæнæ ам æрæмбырд вæййæм, уый та нæ иудзинадæн дæр тынг пайда у». Ахуырты фыццаг къæпхæны æрыгон хъазахъхъæгтæ згъордтой, бырыдысты зæххыл, стæй та уæлæмæ бæрзæнддыл. Æцæг чи нæу, уыцы ныхмæлæууæджы акъахын та кады нысан сси. Куыд уынæм, сæ фылдæрæн дæр бантыст. Вячеслав Згонников, патриотон клуб «Архангел-Михаил»-ы разамонæг: «Нæ куысты сæйрагдæр у - фæсивæды чырыстон домæнтæм гæсгæ хъомыл кæнын æмæ хъазахъхъæгты фæткæвæрдыл æнувыд уæвын. Аккаг фæсивæд схъомыл кæнын, хæцæнгарзыл хæцынæй дарддæр ма адæймагуарзон чи уа, ахæмы, уый у нæ хæс». Ахуыртæ арæзт æрцыдысты урсы къуырийы бæрæгбонмæ. Арт скодтой, йæ алыварс кафыдысты æмæ зарыдысты. Цы цы, фæлæ цин кæнын хъазахъхъæгтæ зонынц. Марина Колесникова: «Бакæсут ма, адæм куыд цин кæнынц, замманайы бæрæгбон у, иууылдæр æй уарзæм. Лауызтæ фыцæм, хæрæм сæ еугæфимæ?, æхсырысæртимæ. Зарæм, кафæм. Нæ зарджытæ та иууылдæр урсы къуырийыл сты!»  Архонкæйы станицæйы хъазахъхъæгтæн рауад аив бæрæгбон. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ ахъаз сты сæ цард сног кæнынæн. Хи хъахъхъæныныл та уæвгæ сæ зæрдæ нæ риссы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Мой аккаунт