Friday, 26 September, 2025г.
russian english deutsch french spanish portuguese czech greek georgian chinese japanese korean indonesian turkish thai uzbek

пример: покупка автомобиля в Запорожье

 

Мультипликацион киноныв «Маша и медведь» ы хъайтартæ иронау сдзырдтой

Мультипликацион киноныв «Маша и медведь» ы хъайтартæ иронау сдзырдтойУ вашего броузера проблема в совместимости с HTML5
Хъуыстгонд мультипликацион киноныв «Маша и медведь»-ы хъайтартæ иронау сдзырдтой. Абон æй адæмы рæгъмæ рахастой. Дигорайы æмæ Элхоты культурæйы хæдзæртты сарæзтой равдыст. Зындгонд æмæ уарзон мультипликацион киноныв фенынмæ æрбацыдысты 600 сабийæ фылдæр. Ныридæгæн мультфильмæй ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой 10 серийы.  Дигорайы культурæйы хæдзары абон æрæмбырд 200 сабийæ фылдæр. Рæвдауæндæтты сывæллæттæн сарæзтой диссаджы бæрæгбон. Хъуыстгонд мультипликацион киноныв «Маша и медведь»-мæ ирон æвзагыл бакæсын æмæ байхъусын ам фæндыд алкæйдæр. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, ацы проект кæстæр фæлтæрæн пайда кæй хæсдзæн, уый дызæрдыккаг æппындæр нæу. Ныридæгæн бацæттæ кодтой 10 серийы. Фæлæ абон дæр кусынц, цæмæй ма сæм тæлмацгонд æрцæуа 16. Афтæ иу сезоныл куыст кæронмæ фæуыдзысты. Ахæм пайда хъуыддаг бакæнын æнцон нæу. Фæрæстмæ уыдзæн æвзаг парахат кæнынæн. Фидæны уыцы æрмæджытæй фæнд кæнынц скъолаты дæр спайда кæнын. Куыстыты сæйрагдæр домæн уыд-хæрзхъæд хъæлæсы фыст. Ацы фарстамæ кастысты лæмбынæг. Алцыдæр хъуамæ уыдаид æмбæлгæ æмвæзадыл. Уый тыххæй проекты архайджытæ рæстæг мæ`ййафтой къуылымпыдзинæдтæ, фæлæ хъуыддагыл бакуыстой æмæ сæ аиуварс кодтой. Киноныв ныййарджыты зæрдæ дæр барухс кодта.  Мультипликацион кинонывæн равдыст сарæзтой Елхоты дæр. Уым дæр бынæттон культурæйы хæдзары къух бакæнæн нæ уыд. Машæ æмæ арсмæ иронау бакæсынмæ æрбацыдысты 600 адæймагæй фылдæр. Проекты аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæмæй зындгонд мультикты хъайтартæ иронау сдзурой, ууыл дарддæр кусдзысты. Тагъд рæстæг ма нæ мадæлон æвзагыл хъуамæ дзурын райдайой сывæллæтты уарзондæр мультипликацион киноныв- «Смешарики»-йы хъайтартæ. Сæйраг хъуыды -  ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтыл бацархайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Мой аккаунт